Европæйы æмæ климаты фарстаты Германийы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг  Анна Люрманн кусæн визитæй  уæвы Гуырдзыстоны
Европæйы æмæ климаты фарстаты Германийы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Анна Люрманн кусæн визитæй уæвы Гуырдзыстоны

Европæ æмæ климаты фарстаты Германийы  фæсарæн хъуыддæгты министры  хæдивæг,  доктор  Анна Люрманн кусæн визитæй ис  Тбилисы.

Гуырдзыстоны Германийы минæварады информацийæ, визиты сæйраг  фарста у  Гуырдзыстоны æрыввахс кæнын   Евроцæдисимæ æмæ уый тыххæй  хъæугæ  реформæтæ.

Афтæма сæ хъусинагæй,  визиты фæлгæтты  министры хæдивæг   фембæлдтæ ауадздзæн   Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуддæгты  министры  хæдивæгтмæ, Гуырдзыстоны  парламенты сæрдаримæ  æмæ æндæр æмæ æндæр политикон партиты  уæнгтимæ.  Минæварады информацийæ, плангонд у афтæдæр фембæлд  Гуырдзыстоны æмбæстагон дзыллæйы минæвæрттимæ æмæ  дискусси  студенттимæ  райрæзты сферæйы  æмгуыстады климаты фæдыл Германийы  проектыл.

Люрманн афтæдæр Еврцоæдисы  цæстдарæг миссийы  (EUMM) минæвæрттимæ иумæ араст уыдзæн  оккупацигонд Цхинвал Регион/ Хуссар Ирыстонимæ уæвæг   администрацион   хаххмæ.

Германийы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæгы  Гуырдзыстонмæ  визит  4 октябры  фæуыдзæн.