Андрей Ермак – украинаг адæм  дарддæр кæнынц  хæцын уæлахиздзинады онг, нæ  уæлахиздзинад та у нæ  территоритыл контролы æрыздахын
Андрей Ермак – украинаг адæм дарддæр кæнынц хæцын уæлахиздзинады онг, нæ уæлахиздзинад та у нæ территоритыл контролы æрыздахын

Украинайæн  бадзырдты  прогресс уыдаит  æрæсейы  уынаффæ хæст фæурæды æмæ Украинаг  территориты  деоккупацийы фæдыл –  райхъусын кодта  Украинайы  преизденты  офисы  къухдариуæггæнæг   Андрей Ермак  телекомпани  «CNN»имæ интервьюйы рæстæджы.

Уæрæсеимæ бадзырдты  процессыл  ныхасы рæстæджы, Андрей Ермак банысан кодта,ц æмæй  Украниайы  позици  у  æргом  æмæ дырыс.

«Украина  хæст нæ райдыдта. Украина оккупаци не скодта искæй  территоритæ.  Украина никуы уыдис  агрессивон бæстæ, сæрмагондæй та,  никуы равдыста агресси  Уæрæсейы  æрдæм.  Махæн сегасдæр ахсджиаг  у  нæ   хæдбарад, суверенитет æмæ  территорион æнæхъæндзинад. Уый тыххæй   хæцæм, нæ  зæххыты æмæ  сæрибардзинады  тыххæй» – райхъусын кодта Ермак.

Йæ дзырдæй, зæгъгæ Украинаг адæм  тырны  хæст кæрон скæнынмæ.

«Махæн принципон фарстатæ,  кæцытыл не стæм цæттæ, компромисстæ агурын,  сты  нæ  хæдбарад, суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад. Хъæуы  нæ  фæуромæм хæст, нæ  адæм тырны  хæст кæрон  скæнынмæ, фæлæ махæн нысаниуæгджын  у, цæмæй  Украниа  ацы  хæсты фæуæлахиз уа.  Нæ адæм дарддæр кæнынц  хæцын  уæлахиздзинады онг. Нæ уæлахиздзинад та, нæ территоритыл  æххæст контрол æрыздахын у» –  банысан кодта  Украинайы президенты офисы  къухдариуæггæнæг.