Инвесторæн иттæг нысаниуæгджын у, паддзахадæй рахатын комкоммæ æххуыс æмæ цæстуарзондзинад, куыд проекты, афтæ сæхи æрдæм, фæнысангонд фарстамæ гæсгæ, абоны онг нæ рахатыдыстæм паддзахадæй ахæм позици, – уый фæдыл дзырдæуы Анаклиайы рæзынады консорциумы куырдиаты.
«Æнæкæсгæ уæвæг уавæрмæ, кæцы Анаклиайы рæзынады Консорциумы контролы дæлбар нал у, мах бацагуырдтам инвесторы, кæцы нырма дæр цымидис кæны проектæй. Уый фæдыл фехъусын кодтам хицауады минæвæрттæн регионалон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министрады ивгъуыд къуырийы ацæугæ фембæлдыл.
ADC архайы алы амæлттæй, цæмæй проект размæ рацæуа, цалынмæ мах хицауадæй æххуысмæ æнхъæлмæ кæсæм, кæцы æнæмæнгхъæугæ у инвесторимæ бадзырдты кæронмæ бакæныны æмæ проекты фидæн сифтонг кæнынæн. Фæнды нæ, цæмæй нæхи аиуварс кæнæм дауутæй æмæ ныфс дарæм, цæмæй хицауад сифтонг кæндзæн æххуыс, цæмæй æнтыстджынæй адарддæр кæнæм æмæ кæронмæ бакæнæм проект»,- хъусын кæнынц «Анаклиайы рæзынады Консорциумы».
Бакой уын кæндзыстæм, абон фæуд кæны «Анаклиайы рæзынады Консорциум» банкъытимæ къухæвæрд кредитон бадзырдтæ куы хъуамæ бавдиса, уый тыххæй лæвæрд æмгъуыд. 31 декабр та у æппынфæстаг æмгъуыд, консорциум куы хъуамæ сифтонг кæна, куыд йæхи сæрмагонд капитал, афтæма, бафысса æмбæлон бадзырдтæ порты арæзтад кæронмæ бакæнынæн.