Амиран Гамхърелидзейы дзырдæй,  бæстæйы  коронавирусы ног штаммы  50-ы онг цау сбæрæг ис
Амиран Гамхърелидзейы дзырдæй, бæстæйы коронавирусы ног штаммы 50-ы онг цау сбæрæг ис

Низты контролы   националон   центры   къухдариуæггæнæг   Амиран Гамхърелидзейы  фидиуæнæй,   бæстæйы   коронавирусы   ног штамы  50-ы  онг  цау  сбæлвырд ис.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,    зæгъгæ сæ фылдæр  а.х. бритайнаг  штаммæй  у.

«Бæстæйы  50-ы онг ног  штаммæй  инфицирады  цау сбæрæг ис. Фылдæр  у  бритайнаг.   Ацы штам  Европæйы  æгæр ахæлиу ис, махмæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы,   уыдзæн, фæлæ   иртасæнмæ гæсгæйæ,   абоны  вакцинæтæ, кæцытæ  администриргонд сты,  ацы  штамыл тых кæнынц», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.

Коронавирусæй  ногæй  инфицирады   цауты тыххæй,   Гамхърелдидзе хъусын кæны,  цæмæй   цалдæр хуызагыл    цæуы иртæст.  Афтæма  йæ   ныхæстæм гæсгæ,  реинфицирады  бæлвырд цаумæ ма  цалдæр иуæг бафтыд.

«Иртасæны цалдæр хуызаг ис.  Нырма  фæстагмæ  бæлвырд нæу, фæлæ  мæ бон зæгъын у, цæмæй  сæ нымæц фæфылдæр уыдзæнис,   дæсгай  нæ, фæлæ  цалдæр иуæг  фылдæр уыдзæн», –  банысан кодта Амиран Гамхърелидзе.