Амиран Гамхърелидзе - тынг дзæбæх перспективæ у «Pfizer»-ы вакцинæтæ æртыккаг кварталы куы райсдзыстæм уый
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстонмæ «Pfizer»-ы вакцинæйы милуан дозæ æрласыны датæ нырмадæр нæу бæрæг.
Гамхърелидзе Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ интервьюйы куыд банысан кодта уымæ гæсгæйæ, зæгъгæ ис тынг дзæбæх перспективæ цæмæй «Pfizer»-ы вакцинæ райсæм æртыккаг кварталы.
«Датæ бæлвырд нæу. Ам дзырдæуы цæмæй йæ райсдзытæм æртыккаг кварталы . Уый тынг дзæбæх перспективæ у» – фехъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.
Уый ма фехъусын кодта, цæмæй Гуырдзыстон æнхъæлмæ кæсы æндæр вакцинæтæм дæр.