Амиран Гамхърелидзе – «Синовакы» администрирдзинад иннæ къуырийы райдадзæн, 2-3 бон агъоммæ байгом уыдзæн портал вакцинаци кæй фæнддзæн уыдоны регистрацийæн
«Синовакы» вакцинайы администрирдзинад райдайдзæн фидæн къуырийы, – уый фæдыл низты контролы æмæ æхсæнадон æнæниздзинады националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе æхсæнуагдонон координацион советы абоны рабадты фæстæ фехъусын кодта.
«Ныр нæм ис 100 000 дозæ «Синовакы» резервы, кæцыйы администрирдзинад райдайдзыстæм иннæ къуырийы. Уæдмæ дыуу-æртæ бон агъоммæ фехъусын кæндзыстæм, байгом уыдзæн æмбæлгæ порталтæ уыцы адæймæгтæн, кæйдæриддæр «Синовакæй» вакцинаци фæнддзæн. Уыдзæн «Синофармыл» цы форматæй архайдтам уый æнгæс, 18 аздзыд карæй хбуæлдæр. 100000 дозæ нысан кæны 50 000 адæймагы дыууæхаттон вакцинаци», – фехъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, «Синовакы» дыккаг дозæ, «Синофармæй» хъауджы, аразынц дыууæйæ- цыппар къуырийы æмгъуыдмæ, кæнæ та 14-æй 28 боны фæлгæтты.
«Уый дæр у традицион методыл, кæнæ та инактивацгонд вирусыл æнцойæвæрд вакцинæ, кæцыйæн тынг дзæбæх аргълæвæрдтæ ис рад бæстæты. 32 бæстæйы у авторизацигонд. Ныр цæуы йæ авторизацийы процесс æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы. Йæ фыццаг аргълæвæрд уыдис. Афтæма авторизаци цæуы Европæйы хосты агентады», – бафтыдта ма Амиран Гамхърелидзе.