Амиран Гамхърелидзе – сидын хицæн госпиталон æмæ фармацевтон сектормæ, фыдвæнд ма спайда кæнæнт сырæзт уавæрæй
Гуырдзыстоны фидар сæрмагонд сектормæ сидын, куыд госпиталон æмæ амбулаторион, афтæ фармацевтонмæ, иуæй-иу сегасæй фидар сектормæ, цæмæй ма фыдвæнд пайда кæнут сырæзт ситуацийæ – ахæм куырдиат аразы низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе.
Амиран Гамхърелидзе куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ æппæт Дунейы кæцыдæр хардзон æрмæджыты, хи хъахъхъæнæн фæрæзты æмæ а.д. дефицит сырæзт.
«Гæнæн ис уа бæрæг хосты дефицит. Фыдвæнд ма хъуамæ спайда кæнæм уымæй, фæлæ уæм солидарон, баххуыс кæнæм, цæмæй цæрджытæн финансонæй рæувадат дæр уа алы уыцы хæъугæ медикаменттæ æмæ медицинон фæрæзтæ, кæцы инфекциимæ хæцынæн сты æнæмæнгхъæугæ»- райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.