Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы фидиуæнæй, æппæт бæстæйы масштабæй арæнгæнæг мадзæлттæ сфидар кæнын нæ хъавынц, фæлæ дзырдæуы а.х. ранæй-рæтты арæнæвæрдты тыххæй.
«Дæнцæн, скъолайы нын инфицирады цаутæ куы ис, уæд скъола æнæхъæнæй æхгæд нæ цæуы, бахъуаджы æхгæд цæуы класс, сывæллæттæ та хиизоляцимæ хизынц. Кæд ахуыргæнæгмæ фæбæрæг вæййы вирус, уæд, контакт йын кæйимæ уыдис, уыдон иууылдæр хизынц изоляцимæ æмæ 12 боны дæргъы сты цæстдарды бын. Афтæ уыдзæн рæвдауæндæтты æмæ æндæр уагдæтты дæр, уымæн æмæ пандеми нырма нæ фæуд кæны æмæ вирусимæ цæрын хъуамæ сахуыр уæм», – райхъусын кодта Гамхърелидзе.
Сæйраг горæты тыххæй Амиран Гамхърелидзе дзуры, цæмæй Тбилисы масштабон арæнæвæрдтæ нæ уыдзæн.
«Нæ рекомендаци, кæцыйыл æрныхас кодтам у уый, цæмæй стыр масштабон арæнвæрдтæ нæ уыдзæн Тбиилисы, уыдзæн ранæй-рæтты, зæгъæм кæцыдæр медицинон уагдоны, уый нымæцы иуæй-иу рекомендаци, кæцыимæ сразы ис совет, у уый, ома медицинон персонал, сæрмагондæй та тагъд æххуысы, уæлвæткон департаменты медицинон персонал, кæцы ковид-фæрынчынуæвджыты ласы æмæ сæ мобилизаци кæнын рынчындæтты, уыдон, куыд сегасдæр стратегион ахсджиаг кусджытæ, ахизынц 72 сахатон тестæй басгæрсты режиммæ. Кæнæ та, кæд ныры онг нын уыд авд бонон æмæ дыууæкуырион басгæрстытæ, уæд сæ ныр хизын кæнæм алы 72 сахатон режиммæ», – фехъусын кодта Амиран Гамхърелидзе, хицауады администрацийы координацион советы рабадты фæстæ.