Амиран Гамхърелидзе – коронавирусы фæндзæм уылæн гæнæн ис ноябры дыккаг æрдæджы кæнæ декабры фæзына
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ бæстæйы коронавирусы ног цауты фæкъаддæры тенденци дарддæр кæны. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ къаддæр кæны мæлынады æрвылбойнон бæрæггæнæнтæ дæр.
Гамхърелидзе медийæн лæвæрд вебинарыл куыд загъта афтæмæй, инфицирады ног цауты фæкъаддæримæ иумæ æнæнизхъахъхъæды системæйыл æлхъывд дæр уæгъд кæны.
Амиран Гамхърелидзе дзуры цæмæй нæкæсгæ эпидуавæры фæхуыздæргонд сурæтмæ, архайæг регуляцитæ хъахъхъæнын æнæмæнгхъæугæ у.
Амиран Гамхърелидзе вакцинацийы нысаниуæгыл дæр фæныхас кодта æмæ банысан кодта, цæмæй абоны вакцинацийы статистикæмæ гæсгæйæ, вакцинацийы темп цъус фæсындæгдæри.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ дунейы ног штамтæ куы фæзынынц коронавирусы фæнзæм уылæнмæ куы æнхъæлмæ кæсынц, уыцы фоныл вакцинаци у иттæг нысаниуæгджын.
«Сындæггай та сæвзæрынц ног штамтæ. Уымæ кæддæриддæр нæ хъус дарæм. Нæ бæстæйы циркуляци кæны фылдæр дельта штамм, фæлæ нæм ис дельта плюсы цалдæр цауы. Куыд рæхджы рацæудзыстæм вакцинаци афтæ къаддæр тыхджын уыдзæн 5-æм уылæн. Цас фылдæр вакцинацигонд адæймаг сымбæлзæн 5-æм уылæныл, кæцы гæнæн ис ноябры дыккаг æрдæджы, декабры фæзына, уыййас æнцонтæй дæр æмæ рогæй дæр арвитдзыстæм фæндзæм уылæн æмæ нæ уыдзæн афтæ карз куыд ацы фæстаг уылæн уыд» – райхъусын кодта Гамхърелидзе.