Амиран Гамхърелидзе коронавирусæй фæрынчынуæвæг пациенттæн, кæцытæ хæдзары уæвгæйæ хос кæнынц, фылдæр тæнгъæд ныуазын æмæ фылдæр змæлын амоны
Амиран Гамхърелидзе коронавирусæй фæрынчынуæвæг пациенттæн, кæцытæ хæдзары уæвгæйæ хос кæнынц, фылдæр тæнгъæд ныуазын æмæ фылдæр змæлын амоны. Уый фæдыл низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг, Амиран Гамхърелидзе координацион советы рабадты фæстæ фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ фæрынчынуæвджытæ, кæцытæ хæдзары сты, нæй сæм симптомтæ æмæ уыдон иу арæх 12 бонмæ снæниз вæййынц.
«Уыдон чидæриддæр хæдзары сты, нымад цæуынц рог пациенттыл. Уыдонæ æнæмæнгхъæугæ у фылдæр тæнгъæд исын, фылдæр змæлын. Афтæма хъæуы, температурæ контрол кæнын æмæ кæд 38-æй бæрзонддæр схизы, уæд æмбæлгæ хос баназын. Ма банхъæлмæ кæсæт пациент, цæмæй йæм исчи фæдзура. Алы адæймаг æмæ бинонтæн нын хъуамæ уа бинонты дохтыр, хорз уаид проактивонæй, пациент йæхæдæг фæдзура бинонты дохтырмæ. Хæдзары уæвæг пациенты æнæниздзинады уавæрмæ хъусдард у бинонты дохтыры компетенци, кæцы вазыгджын нæу, уымæн æмæ ацы адæймæгты фылдæр хай 99% тынг цырдæй, 12 боны фæстæ иу снæниз вæййынц», – фехъусын кодта Гамхърелидзе.