Амиран Гамхърелидзе – хъуыды кæнæм, коронавирусы апарахаты пик уыдзæн ноябры дыккаг-æртыккаг къуырийы, уый тыххæй дæр инфицирады цауты нымæцы рæзты тенденци адарддæр уыдзæн
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ прогнозы æндæр æмæ æндæр методмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны коронавирусы апарахаты пик ноябры дыккаг æртыккаг къуыримæ у æнхъæлмæ кæсинаг.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ инфицирады цауты фæфылдæры тенденци адарддæр уыдзæн. Гамхърелидзе дзуры, цæмæй ацы рæстæгмæ процесс контрол кæнын комы.
«Ацы этапыл рæзгæ статистикæ ис. Прогнозы æндæр æмæ æндæр моделмæ гæсгæ, кæцытæй мах архайæм, фылдæр æнцой кæнæм æртæ моделыл, хъуыды кæнæм, цæмæй пик уыдзæн ноябры дыккаг кæнæ æртыккаг къуырийы, уый тыххæй дæр æрвылбойнон рæзты тенденци адарддæр уыдзæн, ныр сæйраг у, ацы процесс абоны онг контрол кæнын кæй комы, уый æмæ æххæстæй фæтк дæттын хъуамæ уа гæнæн», – фехъусын кодта Гамхърелидзе.
Амиран Гамхърелидзейы ныхæстæм гæсгæ, 18 782 активон цауæй, 25% сты стационарты. «Хорз уайид стационармæ аргъæвыны процент уа 15-20 проценты фæлгæтты», – бафтыдта ма Амиран Гамхърелидзе.