Амиран Гамхърелидзе хъусын кæны, цæмæй симптомтæ кæмæн нæй æмæ рог пациенттæн хæдзары хос кæнын Ачъарайæ райдайдзæн
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ симптомтæ кæмæн нæй æмæ рог пациенттæн хæдзары хос кæнын Ачъарайæ райдайдзæн.
Гамхърелидзейы дзырдæй, фыццагон æнæнизхъахъхъæды дохтырты тренингтæ ноджы иу хатт ацæудзæн, цæй фæстæ дæр фæнысангонд практикæ Гуырдзыстоны дæр æрфидар кæндзысты.
«Сæрмагондæй симптомтæ кæмæн нæй æмæ рог цауты хæдзары хоскæнын архайæг практикæ у æмæ йæ Ачъарайæ райдайдзыстæм. Мæнмæ гæсгæ, иууыл тагъд уыдзæн гæнæн. Райсом иннæбон фыццагон æнæнизхъахъъæды дохтыртæн уый фæдыл тренингтæ ауадздзыстæм æмæ фæнысангонд практикæ æрфидар кæндзыстæм Гуырдзыстоны» – загъта Гамхърелидзе.