Амиран Гамхърелидзе – кæд нæ бон бауыдзæн сентябры æрвлбойнон 80-90 мин вакцинæ аразын, уæд уæ бауырнæд цæмæй эпидситуаци басæтдзыстæм
Августы серьозонæй райрæзтис вакцинацийы нымæц, июлмæ абаргæйæ æртæхаттонæй. Æрвылбойнон бæрæггæнæн абон у 22000-ы бæрц, цъус фылдæр у августы, æмæ фæстаг иу къуырийы та нын у 24 000-æй фылдæр. Ацы бæрæггæнæн бирæ фылдæр у раззаг мæйтимæ абаргæйæ – райхъусын кодта низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ æнæнизхъахъхъæды системæйæн æрвылбойнонæй 40 мин вакцинæ саразын у йæ бон.
«Цас тагъддæр сæвзæрын кæндзыстæм иммунитет, уый йас фылдæр хъахъхъæд уыдзыстæм. Августы æнхъæл стæм ома вакцинацийы æмтгæйон нымæц нын уыдзæн 60 000-65000-ы бæрц. Сентябры куы бафæразæм æмæ 80000-90000-ы онг схизæм, октябры дæр афтæ, уæд уæ бауырнæт, эпидемиологион ситуаци басæтдзыстæм æмæ нын уыдзæн ахæм стабилизаци, æмæ стæй дарддæр сындæггай æрхиздзыстæм нсанæн бæрæггæнæнтæм, мæ хъуыдыйы дарын æххæстадзыд цæрджыты 60%-ы вакцинацимæ. Уый та нын ратдзæн фадат цæмæй бæстæ абаргæйæ æдæрсæгйæ сæмбæла ног азыл» – райхъусын кодта Гамхърелидзе.