Амиран Гамхърелидзе - Гуырдзыстоны куыд эпидемиологион афтæ медицинон æххуысы цæстæнгасæй, уавæр контролгонд у
Гуырдзыстоны низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг, Амиран Гамхърелидзейы дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны куыд эпидемиологион, афтæ медицинон æххуысы цæстæнгасæй, уавæр контролгонд у.
«Тестæй басгæрсты бæрæггæнæнтæй, кæцыты бахыгъд кæнынц иу милуан кæнæ 100 000 цæрæгыл, абон милуаныл нын ис 213 000 «PCR» тест, кæд ма уымæ бафтаудзыстæм 100 000 æмбæстагыл антигеныл фидаргонд тест, уæд ма нын ницы у. Кæнæ та нын Евроцæдисы бæстæты æхсæн æхсæйнаг бæрæггæнæнтæ ис. Афтæмæй, æнæкæсгæ уымæ, цæмæй фæстаг иу мæйы дæргъы серьозонæй зын кæны эпидуавæр, эпидемиологион уавæрмæ гæсгæ, нырма уый контрол кæнæм, куыд эпидемиологион, афтæ медицинон æххуысы цæстæнгасæй», – райхъусын кодта Гамхърелидзе.
Афтæма йæ информацийæ, Европæйы милуан цæрæгыл, хынцгæйæ Гуырдзыстонæн тынг дзæбæх позици ис.
«Фæстаг къуыриты дæргъы интенсивон рæзтмæ æнæкæсгæ, фæрынчынуæвджыты æмтгæйон нымæц нæу уый бæрц стыр, куыд Европæйы бирæ бæстæты», – бафтыдта ма Гамхърелидзе.