Амиран Гамхърелидзе – Госпиталон сектор байдзаг пациенттæй, нæ цух кæнын уый цæмæй гæнæн ис быдырон госпиталтæ байгом кæнын бахъæуа
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг, Амиран Гамхърелидзейы информацийæ, госпиталон сектор зæгъгæ байдзаг. Миран Гамхърелидзе Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн куыд фехъусын кодта афтæмæй, зæгъгæ нæ цух ахæм уавæр дæр юыжырон госпиталты сывæрын куы бахæъуа.
«Госпиталон сектор тынг байдзаг. 7000-ы онг адæймагæн хос кæнынц госпиталы, 1 665, уæззау пациенттæ сты, рæуджыты вентилляцийы аппаратыл иугонд сты 368 адæймаг. Госпиталон сектор тæккæ арæныл лæууы. Æрмæст сынтæджытыл нæ цæуы, адæймæгтæ, дохтыртæ, медицинон хотæ, æнæхъæнæй медперсонал. Ацы процесс æрмæст вакцина бауромдзæн, æндæр ницы. Иунæг ацы уавæры цы алыг кæндзæн у вакцинæ æмæ регуляцитæ æххæст кæнын, кæцытæ цæуынц низты контролы центрæй. Фыццаджы дæр маскæ, алкæмæй курæг дæн. 37%-ы онг æрхызтис маскæ дарыны бæрæггæнæн, уый та у фæдисон. Ничи ницы æххæст кæны æмæ цæй зæгъын æй хъæуы, уыдзæнис нын инфицирады рæзт.
Нæ цух кæнын ахæм уавæр дæр æмæ нæ бахъæуа быдырон госпиталтæ байгом кæнын. Æрвылюбойнонæй 4000-5000 цау куы уа, уæд цæй зæгъын æй хъæуы медицинон сектор уымæн нал бафæраздзæн, нал дзы уыдзæн бынæттæ. Быдырон госпиталтæ дæр медицинон оæггады иуæй-иу сегмент сты æмæ бахъæудзæнис сæ байгом кæнын» – загхта Амиран Гамхърелидзе.