Амиран Гамхърелидзе – Гом тыгъдадты маскæ дарын, сæрмагондæй та разæвзарæнон периоды, æнæмæнгхъæугæ уыдзæн
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ бæстæйы эпидемиологион уавæр æгæр фæфыддæрдæр ис.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ абон координацион советы рабадтыл фæуынаффæ кодтой, цæмæй цы уæлæмхас мадзæлттæ райсын хъæуы æмæ цавæр рекомекндацитæ раттын бахъæудзæнвирусы ахæлиу бауромынæн.
Амиран Гамхърелидзе пандемийы басæттынæн фæндагыл цалдæр нысаниуæгджын æрдæмад ранымадта, сæ нымæцы вакцинацимæ активондзинад æмæ æнæмæнгхъæугæ рекомендациты æмбæлонæй æххæст кæнын.
«Иуæй-иу фыццаг æрдæмад, кæцы абон советыл æркастыстæм, у вакцинаци интенсивондæр скæнын, афтæдæо маскæ максималонæй дарын – мандатононæй æхгæд тыгъдадты, æрмæст æддæйæ уым цы ран адæм æмбырд кæнынц, сæрмагондæй та разæвзарæнон периоды æнæмæнгхъæугæ уыдзæн гом тыгъдадты маскæ дарын.
Сæйраг у стыр æмбырдты æххæстæй тобæ, уыдзæн уый зиан, чындзæхсæв, концерттæ, алцыппæты превенци скæнын бахъæудзæн. Уыимæ иумæ, æнæмæнгхъæугæ уыдзæн арæныл уæлæмхас контрол, афтæма бынæтты мобилизаци, сæрмагондæй та фысымуæтты. Абон ноджы æндæр хæслæвæрдтæ дæр уыд координацион советæй, цæмæй мобилизаци скæной уаттæ, цæмæй адæймæгтæн куыд фæрынчынуæвджытæн афтæ семæ контакты уæвджытæн, кæмæндæриддæр нæй изоляцийы уавæртæ, паддзахад сифтонг кæна сæ изоляци, цæмæй вирусы алæвæрды рæхыс скуыд æрцæуа», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.