Амиран Гамхърелидзе - бæстæйы эпидуавæр фыддæрдæр кæны, гæнæн ис егъаумасштабон эпидемимæ бахизæм
Дыууæ къуырийæ фылдæр æрвылбойнонæй нын ис 600-йæ фылдæр цауы, кæ1цы нæ уыд февралы фыццаг бонты фæстæ. Рæзгæ кæны репродукцийы индекс, кæцы иуæй бæрзонддæр у нырид 20 боны дæргъы. Ног цауты бæрæггæнæн кæнæ та æвæрцццаг бæрæггæнæн абон зæгъæн ис 3 процентмæ фæхæццæ кæны. Алцыппæт уый нын амоны цæмйæ бæстæйы эпидемиологион уавæр фыддæрдæр кæны – уый фæдыл низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе, фехуъсын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн.
«Æцæг у фæфыддæр сæррæтты равг нæ хæссы, æмæ сындæггай фыддæрдæр кæны, фæоæ регуляцитæ куы не ххæст кæнæм, æмæ сæ сыххæст максималон нæ уыдзæн, уæд ис стыр риск цæмæй райдайа æппæтон ахæлиу, кластерон ахæлиу нын ныридæгæн ис, æмæ гæнæн ис бахизæм егъаумасштабон эпидемимæ, ноябрь-декабры куыд уыдис афтæ» – райхъусын кодта Гамхърелидзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, бæстæйы вакцинацийы фæнддджыты нымæц тынг цъус у.
«Вакциниргонд уыд 19 684 адæймаг, знон ма сæм бамфтыд 1 497. Сындæггай фылдæр кæны вакцинаци кæй фæнды уыдоны нымæц, 30 апрел хынцгæйæ регистрацигонд сты 17 мин адæймаг, фæлæ уый уæддæр тынг цъус у. Апрел-майы нæ хъæуы иууыл цъус æрвылбойнонæй 3-4 мин вакцинаци уадзын, фæстаг дыууæ къуырийы та, æрвылбойнон бæрæггæнæн уыдис 1 100-ы фæлгæтты. Хъыгагæн, активондзинад тынг ныллæг у æмæ цæрджытæм арæхи сидын хъæуы, цæмæй æнæвакцинæ эпидеми кæрон скæнын æндæр хос нæй. Æххæстадзыд цæрджыты 60 процентæн уæддæр куы бафтауæм низы ныхмæ хос ацы азы кæронмæ, кæд бæстæйы эпидеми фæтар уыдзæн» – райхъусын кодта Гамхърелидзе.