Амиран Гамхърелидзе - алы индикатормæ гæсгæйæ ахызтыстæм сырх зонæмæ, кæцы у фæдисон уавæр
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Аимран Гамхърелидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ бæстæйы фæфыддæрдæр ис алы индикатор, кæцы бæрæг кæны эпидемиологион уавæр.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæйæ, зæгъгæ бурбынсырхæй сырх зонæмæ ахызтыстæм, кæцы у фæдисы иуæй-иу бындур.
«Ныр стæм зæгъæн ис уыцы æмвæзыл, æртыккаг уылæны тæккæ пикы рæстæджы куыд уыдыстæм 17 маймæ хæстæг бонты афтæ. Абоны эпидемиологион уавæр уый æнгæс у, октябры кæрон – ноябры райдайæны куыд уыд, афтæ. Ацы æрдæм стыр хъусдард хъæуы. Алы индикаторæй сырх зонæмæ ахызтыстæм. Ныры онг Джонс Хопкинсы картæйыл уыдыстæм бурбынсырхæй бæрæг, ныр та стæм сырх, уый у фæдисон уавæр æмæ æмбæлгæ мадзæлттæ райсын хъæуы» – банысан кодта Амиран Гамхърелидзе.