«Америкаг Госпитал Тбилис» Гуырдзыстоны уæвæг украинаг лигъдæттæн æнæфидгæ лæггад æнхъары
«Америкаг Госпитал Тбилис» Гуырдзыстоны уæвæг украинаг лигъдæттæн медицинон лæггад æнхъры. Госпитал æххæст кæны программа, АИШ-ы райрæзты финансон корпорацийы (DFC) æххуысæй.
Гуырдзыстоны ацытæккæ ис 28000 украинаг лигъдон. Медицинон лæггад райсынæн æрцæуын сæ бон уыдзæн уыцы украинæгтæн дæр, кæцытæ Украинайы хæсты уавæрты нæ фæхæст вæййынц сервисыл. Клиникæ сын æнхъры хирургион операцитæ, æххæстаздзыдты æмæ педиатрион амбулаторион фæкаст, афтæма диагностикон лæггад. Программæйы аргъ у 800 000 доллар.