ИНО-йы  бæрæггæнæнтæй, украинаг лигъдæтты  нымæц  2  милуанæй ахызт
ИНО-йы бæрæггæнæнтæй, украинаг лигъдæтты нымæц 2 милуанæй ахызт

Хæстон  уавæры  сæвзæрды фæстæ, украинаг лигъдæтты  нымæц 2  милуанæй  ахызт. Уый фæдыл   информаци хъусын кæны  лигъдæтты фарстаты  ИНО-йы  бæрзонддæр  комиссар Филипо  Гранди.

Ахæлиугонд хъусинагæй,   лигъдæтты  æрдæгæй  фылдæр ахызт Польбшæмæ, 140 000-æй фылдæр  Словакимæ, 190 000-æйфылдæр  Венгримæ,  80 000-æй фылдæр Молдовæмæ, 100 000-ы онг  Уæрæсемæ æмæ 500-ы  онг та Белорусмæ.

Филипо Грандийы  дзырдæй, Украинайы  кризис  у  Европæйы  сегасдæр цырдæй рæзгæ   лигъдæтты  кризис дыккаг дунеон хæсты фæстæ.