Алексей Гончаренко - Нæ хæзнатæ абон 77 милуан евройæ ауæй кодтам
Евросоветы парламентон ассамблейыл дзырдæй ралæуды рæстæджы украинаг депутат Алексей Гончаренко, организацийы фæзылынджын кодта хæзнатæй базар кæныны.
«Коллегæтæ, абон нын стыр базары бон у, стыр æргъцух – нæ алы хæзнатæ æрмæст 77 милуан евройæ, демократи – 25-æй, адæймаджы бартæ – 25 милуанæй. Нæ бон у æндæргъуызон дæр банымайæм. Европæйы Совет, милуангай зæрдæ фесæфта, украинæгты зæрдæтæ, гуырдзиæгты, эстойнæгты, бритайнæгты.
Сымах дзурут, цæмæй зæгъгæ мах уый аразæм уырыссаг адæмы тыххæй, цæмæй сæ баиргъæвæм. Уæд мæм и сиу æнхъарæн, цæй ма æрбахонæм ардæм Сирийы, цæмæй йын баххуыс кæнæм. Хуыздæр у Асад нæм ам уа, мæ йæм кæсæм. Уæрæсейы минæвар Толстой нын дзуры, цæмæй зæгъгæ Уæрæсе рæдау наци у. Мах та бæлвырдæй зонæм цы дарут уæ къухты – «Новичок», «БУК»-ы æмæ «ГРАДЫ» ракетæтæ æмæ стæй, Путин та адæмы куы ныццæгъддзæн, уыцы туг уыдзæн уæ къухтыл æмæ уæ намысыл» – райхъусын кодта Алексей Гончаренко.
Евросоветы парламентон ассамблейы арæнвæрдтæй сæрибарæй, Уæрæсейы организацимæ æрыздæхты фæдыл резолюци абон сбæлвырд кодта. «Европейская Правда»-ы хъусинагæй, Евросоветмæ Уæрæсейы æрыздæхты дзуаппæн, Гуырдзыстоны, Украинæйы, Латвийы, Лиетувæйы, Эстонийы, Польшæйы æмæ Словакийы делегацитæ демарш райхъусын кодтой.