Алексей Гончаренко – Нæ хæзнатæ абон 77 милуан евройæ ауæй кодтам

22:01, 26.06.2019

Евросоветы  парламентон ассамблейыл дзырдæй ралæуды рæстæджы украинаг  депутат  Алексей  Гончаренко, организацийы  фæзылынджын кодта  хæзнатæй  базар кæныны.

«Коллегæтæ, абон нын  стыр базары  бон  у,  стыр  æргъцух –  нæ алы  хæзнатæ  æрмæст 77 милуан евройæ,   демократи – 25-æй, адæймаджы  бартæ – 25 милуанæй.  Нæ бон у   æндæргъуызон дæр банымайæм.  Европæйы  Совет, милуангай   зæрдæ  фесæфта,  украинæгты зæрдæтæ, гуырдзиæгты, эстойнæгты, бритайнæгты.

Сымах дзурут, цæмæй  зæгъгæ мах уый аразæм уырыссаг адæмы тыххæй, цæмæй  сæ  баиргъæвæм. Уæд мæм и сиу æнхъарæн, цæй ма  æрбахонæм ардæм Сирийы, цæмæй йын баххуыс кæнæм.  Хуыздæр у  Асад нæм ам уа, мæ  йæм кæсæм.  Уæрæсейы  минæвар  Толстой нын дзуры,  цæмæй  зæгъгæ Уæрæсе рæдау  наци у. Мах та бæлвырдæй  зонæм цы дарут уæ  къухты – «Новичок», «БУК»-ы æмæ «ГРАДЫ» ракетæтæ æмæ  стæй,   Путин  та адæмы куы ныццæгъддзæн, уыцы туг  уыдзæн уæ къухтыл æмæ уæ  намысыл» – райхъусын кодта Алексей Гончаренко.

Евросоветы  парламентон ассамблейы  арæнвæрдтæй сæрибарæй, Уæрæсейы  организацимæ æрыздæхты  фæдыл   резолюци абон  сбæлвырд кодта. «Европейская Правда»-ы хъусинагæй,  Евросоветмæ Уæрæсейы  æрыздæхты  дзуаппæн,  Гуырдзыстоны, Украинæйы, Латвийы, Лиетувæйы, Эстонийы, Польшæйы æмæ  Словакийы  делегацитæ  демарш  райхъусын кодтой.

Хуыздæр