Александре Дарахвелидзе – МХ министрады номæй хъусын кæнæм, цæмæй Вакейы паркы æрцæугæ трегадуийы фактыл раргом уыдзæн алы аххосджын уæнг, кæцытæ закъонмæ гæсгæ карз æфхæрд æрцæудзысты
Мидхъуыддæгты министрады номæй хъусын кæнæм, цæмæй æмбæлгæ экспертизæйы æмæ фæдагурæн мадзæлтты фæуды фæстæ рабæрæг уыдзæн алы аххосджын уæнг, кæцытæ закъонмæ æмблгæйæ карз æфхæрд æрцæудзысты – уый фæдыл мидхъуыддæгты министры хæдивæг Александре Дарахвелидзе, Вакейы паркы абон æрцæугæ трагикон цауы фæдыл брифингыл райхъусын кодта.
Уый куыд банысан кодта афтæмæй, фактыл райдыдта фæдагурыд тугтæрхоны барады кодексы 240-æм прима статийы фыццаг хайæ, кæцы 4-æй 7 азы онг ахстæй æфхæрд дары йæ хъуыдыйы.
«Фæдагуырды цыды рæстæджы бæрзонд æхсæнадон интересы тыххæй, æхсæнадæн периодонæй бавдисдзыстæм информаци» – фехъусын кодта Дарахвелидзе.
Уæвæг информацийæ, Вакейы паркы, хъазты рæстæджы сывæллæттæн пурти ныххаудта фонтанмæ, куы йæ истой уæд æртæ æнахъомы ныццавдта ток. Сæ дыууæйы Хечинашвилийы клиникæмæ æртыккагы та Иашвилийы клиникæмæ фæхæццæ кодтой. Иу æнахъом клиникæйы æрбамард.