Александре Дарахвелидзе – акцийы хайадисджытæ æнæиухатт уыдысты агрессивон барадхъахъъхæнджыты æрдæм, пъæлицæйыл æхсто æндæр æмæ æндæр дзаума

12:07, 01.05.2024

Нæкæсгæ уымæ, æмæ сын уыдис  фадат  сабырæй равдыстаиккой протест, акцийы хайадисджытæ дарддæр кодтой  пъæлицæйæгтæм бырстытæ  æмæ  къордон атонын – уый фæдыл Мх министры  хæдивæг  Александре Жарахвелидзе   МХМ-ы лæвæрд брифингыл  райхъусын кодта.

«Ноджы иу  хатт хъусын кæнæм, цæмæй æнæруадзгæ у, барадхъахъхъæнджыты  бафхæрд, уыдонмæ бырст æмæ цыфæнды хуызы  тыхмидзнад, алы ахæм фактыл   министрадæн уыдзæн  æмблгæ  реагиркæнынад.  Афтæма æнæруадзгæ у  автомобилон фæндæгты парализаци.  «Æмбырдты æмæ манифестацийы фæдыл» Гуырдызстоны закъонмæ гæсгæйæ,  æмбырды кæнæ манифестацийы хайадисджытæн фæдзæхст у автомобилон фæндæгтыл барæй  барьертæ  саразын.

Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ, Руставелийы  проспектыл цæугæ акцийыл лыстæг хулигандзинады æмæ пъæлицæйæы æнæ»закъонон» æркуырдмæ нæкоммæкасты  фактыл,  администрацион барадсастыты кодекы  166-æм æмæ 173-æм статитæм æмбæлгæйæ 63 уæнгы  æрцахстой.   Ноджы иу хатт банысан кæндзыстæм, цæмæй Руставелийы проспектыл цæугæ акцийы рæстæджы, акцийы хайадисджыты  тыхмигæнæгон  архæйдтыты фæстиуæгæн, æнæдæр æмæ æндæр  уæззау  зиæнттæ райстой  МХМ-ы   æхсæн кусæг. Фæнысангонд факты фæдыл, фæдагуырд тугтæрзоны барады кодексы 353-æм прима  статийæ  цæуы» – райхъусын кодта мидхъуыддæгты министры хæдивæг.

Хуыздæр