Александре Дарахвелидзе – МХ министрады номæй хъусын кæнæм, цæмæй Вакейы паркы  æрцæугæ трегадуийы  фактыл раргом уыдзæн алы аххосджын уæнг, кæцытæ закъонмæ гæсгæ карз æфхæрд æрцæудзысты
Александре Дарахвелидзе – МХ министрады номæй хъусын кæнæм, цæмæй Вакейы паркы æрцæугæ трегадуийы фактыл раргом уыдзæн алы аххосджын уæнг, кæцытæ закъонмæ гæсгæ карз æфхæрд æрцæудзысты

Мидхъуыддæгты министрады номæй хъусын кæнæм, цæмæй  æмбæлгæ экспертизæйы æмæ фæдагурæн  мадзæлтты  фæуды фæстæ  рабæрæг уыдзæн алы   аххосджын   уæнг, кæцытæ  закъонмæ æмблгæйæ карз æфхæрд æрцæудзысты – уый фæдыл мидхъуыддæгты министры хæдивæг  Александре Дарахвелидзе, Вакейы паркы абон æрцæугæ  трагикон цауы  фæдыл   брифингыл   райхъусын кодта.

Уый куыд банысан кодта афтæмæй, фактыл райдыдта фæдагурыд  тугтæрхоны барады кодексы  240-æм  прима статийы  фыццаг  хайæ, кæцы 4-æй   7 азы онг ахстæй  æфхæрд дары йæ хъуыдыйы.

«Фæдагуырды цыды рæстæджы  бæрзонд æхсæнадон интересы тыххæй,  æхсæнадæн  периодонæй  бавдисдзыстæм информаци» – фехъусын кодта Дарахвелидзе.

Уæвæг информацийæ, Вакейы паркы,  хъазты рæстæджы  сывæллæттæн пурти ныххаудта  фонтанмæ, куы йæ истой  уæд  æртæ æнахъомы ныццавдта  ток.  Сæ дыууæйы Хечинашвилийы клиникæмæ  æртыккагы  та  Иашвилийы  клиникæмæ  фæхæццæ кодтой. Иу æнахъом  клиникæйы  æрбамард.