Александре Дарахвелидзе – райгондæй райсын закъоны проект, кæцы йæ зæрдыл дары æмбырдты æмæ демонстрациты рæстæджы бæрæг регуляцитæ бахæссын, пиротехникæ зиан хæссы куыд адæймæгтæн афтæ дæр инфраструктурæйæн
Æз хорзыл нымайын Гуырдзыстоны парламенты бацæттæгонд закъонопроектæн, кæцы ассамблея-манифестацийы рæстæджы бæрæг регуляциты бахæссын йæ зæрдыл дары, – расидтис Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министры хæдивæг, Александре Дарахвелидзе.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, фæстаг бонты æмæ цæугæ азы анализ равдыста, цæмæй пиротехникæ, кæцыйæ тыхмигæнæг къордтæ активонæй пайда кæнынц, зиан хæссынц куыд адæймæгтæн афтæ дæр инфраструктурæйæн.
«Мах хорзыл нымайæм Гуырдзыстоны парламенты бацæттæгонд закъоныпроект, кæцы ассамблея-манифесты рæстæджы бæрæг регуляциты бахæссын йæ зæрдыл дары. Æмбырд-демонстраци хъуамæ уа сабырадон æмæ кæд æмæ тызмæгдзинадмæ раивдзæн, уæд полици архайдзæн законмæ гæсгæ. Фæстаг бонты æмæ цæугæ азы анализ равдыста, цæмæй пиротехникæ, кæцыйæ тыхмигæнæг къордтæ активонæй пайда кæнынц, тынг зианхæссæг у, куыд адæймæгтæн, афтæ инфраструктурæйæн дæр. Уæлдайдæр та пъæлицæйæгты хъуыддаджы банысан кæнын хъæуы уый, æмæ 150 пъæлицæйагæй фылдæр сты цæфтæ, æмæ сæ фылдæрæн ис куыд хъæдгæмттæ, афтæ сыгъдтæ дæр, æвæццæгæн, пиротехникæйы аххосæй. Уымæй дарддæр ма, сымах федтат, цæмæй парламенты бæстыхай нысаниуæгджынæй бахъыгдард ис, фактонæй, раззаг фасад æмæ Чъичъинадзейы фарсы офистæ ныппырх сты, æппæт уыдæттæ уый фæстиуæг сты. Уый тыххæй дæр тынг раст регуляци у, кæцыйы Гуырдзыстоны парламент сфидар кæны», – расидтис Дарахвелидзе Александре.