Александр Лукашенко Путинимæ  фембæлдыл райхъусын кодта, цæмæй «Вагнеры»  хæцджытæ йæ  курынц,  Польшæмæ  «экскурсимæ» арвитын
Александр Лукашенко Путинимæ фембæлдыл райхъусын кодта, цæмæй «Вагнеры» хæцджытæ йæ курынц, Польшæмæ «экскурсимæ» арвитын

Уæрæсейы президент Владимир Путинимæ  фембæлды рæстæджы  Белорусы   президент  Александр  Лукашенко   райхъусын кодта,  ома  «Вагнеры» хæцджытæ йæ   курынц   Польшæмæ  «экскурсимæ»  арвитын.

Йæ дзырдæй, зæгъгæ   «Вагнерæгтæ» йæ  тыхсын кæнынц, уымæн æмæ «экскурсимæ»  ацæуын сæ фæнды ныгуылæнмæ.

«Гæнæн ис   ма хъуамæ  загътаин, фæлæ  зæгъдзынæн. «Вагнерæгтæ»  нæ райдыдтой тыхсын кæнын.  «Нуыглæнмæ дам нæ нæ фæнды.  Раттут дам нын бар». Дзурын сын, цы уæ  хъæуы  ныгуылæны?  «Варшавæмæ, Жешувмæ экскурсимæ ацæуын нæ  фæнды», – радзырдта Лукашенко Путинимæ фембæлды  рæстæджы.

Лукашенкойы дзырдæй,   бадзырдмæ гæсгæйæ,   уый  хицæн æфсæддон компани «Вагнеры»   хæцджыты æрцæрын кодта  Белорусы   централон  хайы æмæ сæ ныгуылæнмæ  арвитын æй  нæ  фæнды.

«Куыд æрныхас кодтам афтæмæ, уыдоны  дарын Белоррусы  централон  хайы, нæ мæ фæнды  уыдоны  арвитын  уырдæм, уымæн æмæ   сын æвзæр  хъуыдытæ ис.   Банысан кæнын хъæуы, цæмæй  зонынц, цы  уавæр ис  æмцæдисонон   паддзахады алыварс», – райхъусын кодта  Белорусы  лидер.

Уырыссаг   медиайы хуъсинагæй, Лукашенко путинимæ фембæлдмæ рахаста  картæ, кæцыйыл цæвиттон   æвдыст у  Польшæйы  æфсæддон хайадты  Белорусы   арæнты  цур   уæвын.  Лукашенкойы   бæлвырдмæ гæсгæйæ, Польшæйы   гарзджын тыхтæ Бресты  æмæ Гроднойы  цур сты дислоциргонд.