Александр Лукашенко хъусын кæны, цæмæй  Уæрæсейы  цæугæ  фæзындты фоныл,  Белорусы  æфсады хæстон цæттæдзинады  барамынд ратта
Александр Лукашенко хъусын кæны, цæмæй Уæрæсейы цæугæ фæзындты фоныл, Белорусы æфсады хæстон цæттæдзинады барамынд ратта

Белорусы президент Александр Лукашенко  хъусын кæны, цæмæй  Уæрæсеы цæугæ  фæзындты фоныл, уый  Белорусы  æфсады æххæст хæстон цæттæдзинады  барамынд ратта.   Уый фæдыл  Лукашенко  офицерты  хорзæхджын кæныны  церемонийыл дзырдæй ралæуды  рæстæджы  райхъусын кодта.

Лукашенкойы   фидиуæнæй,   абон суверенон Белорусы æмæ æппæт   дунейы  историйы  сегасдæр вазыгджын период ис.

«Ног глобалон  конфликты  тас никуы уыдис  афтæ хæстæг, куыд  абон.  Нырмадæр   архайынц нæ бæстæйы, нæ  регионы  спырх кæнын, адæмы  дезориентаци скæнын, цыфæнды  фæрæзтæй  ситуаци сызмæнтын æмæ ацы хъæлæбайы  сæрмагонд  фæткæвæрд сфидар кæнын.  Фæткæвæрд, кæцыйы рæстæджы  нал   уыдзысты  нæ бæстæтæ, нæ нацитæ.   Мах дæр фидар стæм,  æргомзæрдæйæ куы  зæгъæм,  на фæуаддзыстæм   фадат, уый   æфсон сын раттæм.  Куыд дзырдтон афтæмæй, нæй    хуызджжын революцитæ, кæд  уый тыххæй  бæстæйы  чысыл   аххос  уæддæр нæй,   уæд», –  райхъусын кодта Лукашенко.