Александр Лукашенко  хъусын кæны, цæмæй уырыссаг атомон хæцæнгарз  нырид Белорусы ис
Александр Лукашенко хъусын кæны, цæмæй уырыссаг атомон хæцæнгарз нырид Белорусы ис

Белорусы  президент  Александр Лукашенко  райхъусын кодта, цæмæй   уырыссаг  атомон  хæцæнгарз нырид  архæццæ ис  Белорусмæ.

Уый фæдыл  президенты  пресскуыстыл æнцойæ  белорусаг рауагъдад  «Зеркала» хъусын кæны.

«Стыр рæстæг  у  цы загътон цæмæй  лæвæрд фæцис.  Нырма сентябры  æви октбры.  Октябры крон бафснайдтам фæстаг  хатт. Алцыппæт йæ бынаты æмæ  дзæбæх уавæры ис» – райхъусын кодта Лукашенко.

Бæрæгдзырдæн, Уæрæсейы президент Владимир Путин  16  июны  райхъусын кодта, цæмæй  Белорусмæ  уырыссаг тактикон   атомон  хæцæнгарзы фыццаг парти  нылластой.  Путин уæд загъта, цæмæй уыцы  куыст сæрды кæронмæ  фæуыдаит. 27 июны  Александр Лукашенко  загъта, цæмæй  уырыссаг   атомон хæцæнгарзы  стыр  хай нырид  Белорусы ис.