Уæрæсейы æмæ Белорусы президенттæ Украинайы æфсæддон конфликтыл мæ  дыууæфарсон ахастытæ стынг кæныныл фæныхас кодтой
Уæрæсейы æмæ Белорусы президенттæ Украинайы æфсæддон конфликтыл мæ дыууæфарсон ахастытæ стынг кæныныл фæныхас кодтой

Уæрæсе æмæ Белорусы  президенттæ   Украинайы  æфсæддон конфликтыл æмæ  дыууæфарсон ахастытæ  стынг кæныныл  фæныхас кодтой.

Кремлы информацийæ,   Владимир Путин бахахх кодта, ома  æфсæддон операцийы  рард планмæ гæсгæйæ цæуы æххæст æмæ сыххæст уыдзæн кæронмæ.

Ахæлиугонд хъусинагæй,  Александр Лукашенко  Уæрæсейы  архæйдтытимæ сразы ис.

Путины  дзырдæй  зæгъгæ  Белорус интересджын у  Балтигæрон  уæвынæй   æмæ сæрмагонд  портон объекттæй, кæцыимæ  Мæскуы  разы  у.

Белорусы президенты фидиуæнæй,   ныгуылæн интересджын у  Украинайы  хæст адарддæр кæнынæй, цæмæй  уыцы хæсты ныххудуг уой  белорус æмæ Уæрæсе.

Лукашенкойы  дзырдæй, Уæрæсейы  президентимæ  Белорусы ныхмæ  ныгуылæны  райдайгæ гибридон  хæстыл дæр уыд ныхас.