«Аккаг партнер 2018» хайадисæг америкаг æфсæддон техникæ æмæ сæрмагонд сконд нырид Гуырдзыстоны уæвы (видео)
Бирæнацион ахуырты «Аккаг партнер 2018» хайад райсынæн, Болгарийы, Констанццайы портæй æрвыст америкаг згъææртехникæ нырид Гуырдзыстоны ис.
Хъахъхъæнынады министры информацийæ, АИШ-ы гарзджын тыхты хæцæн згъæртехникæ «Страйкер» фистæгты хæцæн машинæ «Бредли», М1А2 типы танкъ «Брамс» æмæ æндæр типы æфсæддон техникæ, Поты порты сты.
Вазианы æрдæм æфсæддон техникæйы хай автопоезды фæрцы, иннæ хай та – йæхихъæдæй змæлдзæн.
Уагдоны хъусинагæй, АИШ-ы Европæйы сæрдарады згъæнтехникæ, Болгарийы Констанцайы порты науыл сæвæрдтой æмæ Сау Денджызы уылты Гуырдзыстоны æрдæм 22 июлы рараст ис.
Уæлдæфæй та , Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты бирæнационалон ахуырты хайадисæг АИШ-ы Европæйы сæрдарады II кавалерион полкъы сæрмагонд сконд ныридæгæн æртахтис. Ахуырты хайадисæг америкаг æфсæддæтты хай та, Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн 31 июлы онг этапгай.
Ахуыр официалонæй Вазианы æфсæддон аэродромыл байгом уыдзæн 1 августы. «Аккаг партнер 2018» æххæст цæуы Гуырдзыстоны гарзджын тыхты æмæ АИШ-ы армийы европаг сæрдарады лидердзинадæй. Ахуырты сценары бындурæвæрд у стабилондзинады, размæбырст-иргъæвæг операцитыл.
Информацийы хæлиу кæны Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрад.