Ахуырады министр Михеил Чхенкели   хиизоляцийы  ис
Ахуырады министр Михеил Чхенкели хиизоляцийы ис

Гуырдзыстоны ахуырады,  зонæдты, культурæ  æмæ спорты  министр Михеил Чхенкели   хиизоляцийы  уæвы, –  уый фæдыл информаци хъусын кæны   Гуырдзыстоны ахуырады,  зонæдты, культурæ  æмæ спорты  министрад.

«Коронавирус йæ  бинонты  уæнгæн сбæрæг ис.  Министрмæ нæй «Ковид-19»-ы  симпотомтæ æмæ йæхи дзæбæх  хаты.

Михеил Чхенкели  кусын дарддæр кæны дистанцион режимы», –  хъусын кæнынц ахуырады министрады.