АИШ-ы паддзахадон нымæрдары хæдивæг - Нæ бауадздзыстæм, цæмæй исчи æрыхгæна НАТО-ы гом дуары политикæ
АИШ-ы паддзахадон нымæрдары хæдивæг - Нæ бауадздзыстæм, цæмæй исчи æрыхгæна НАТО-ы гом дуары политикæ

Нæ бауадздзыстæм, цæмæй исчи æрыхгæна НАТО-ы гом дуары политикæ – ацы  фидиуæн  АИШ-ы  паддзахадон нымæрдары  хæдивæг  Вэнди Шерман Женевæйы уырыссаг коллегæимæ, Сергей Рябковимæ  авдсахатон бадзырдты фæстæ  медиимæ ныхасы рæстæджы  сарызта.   Информаци хъусын кæны  агентад «Франс Пресс» .

АИШ-ы  паддзахадон нымæрдары  хæдивæгы  дзырдæй,  зæгъгæ Женевæйы  ацæугæ фембæлдтыл  Уæрæсейы минæваримæ  æркастысты дээскалацимæ  дыууæфарсон къахдзæфтæ ракетон  системæты æмæ   æфсæддон  ахуырты  фæдыл.   Уыимæ  ма  ноджы  иу хатт бафæдзæхста  Уæрæсе, цæмæй  Украинамæ лæбурд  йын æгæр зынаргъ сбаддзæн.  Шерман ноджы иу хатт æрсидтис Уæрæсемæ,  Украинаæйы арæнгæронæй  йæ  æфсад  акæнынмæ.

«Бавдыстам  идеяты  рæнхъ, кæцыты дæр нæ дыууæ бæстæйæн  нæ бон у  сыххæст кæнæм æмархайдтæ, кæцы  уыдзæн нæ æдасдзинады  интересты æмæ фæхуыздæр кæндзæн  стратегион  стабилондзинад» – загхъта Шерман журналисттæн.

Вэнди Шерманы  дзырдæй, зæгъгæ уый уырыссаг фарсæн  ракетон системæтæ равæрыны фарстайыл бадзырдты адарддæр кæнын банхъарыд Уыимæ ма  рацух кодта Уæрæсейæн исты  гарантитæ  раттын Украинайы НАТО-мæ ма райсыны фарстайыл.

«Хъæддых  нæзагъд кæнæм  æдасдзинады фарстайыл æнхъарæнтыл, кæцытæ  АИШ-æн    хуымæтæгæй нæрайсгæ сты.  Нæ бауадздзыстæм, цæмæй исчи  æрыхгæна НАТО-ы   гом джуары политикæ» – банысан кодта АИШ-ы паддзахадон нымæрдары хæдивæг.