Гуырдзыстоны националон æмбырдгонд футболы Сæрибары Фæзы æрдæм цыд райдыдта.
Сæрхъызойты хай футболисттæн сæ размæ рацыдысты Михеил Месхийы номыл стадион цур, иннæ хай та Сæрибары Фæзыл æрымбырд ис, цы ран бæрæгбонон мадзæлттæ ацæудзæн.
Гуырдзыстоны футболы æмбырдгонд Германий абон сæумæрайсом æрыздæхт Националон æмбырдгонд Европæйы Чемпионатыл эффектон ерысы фæстæ фыдыбæстæмæ Тбилисы рæстæгæй 09:15 сахатыл æртахтис. Аэропорты æмбырдгондæн йæ размæ рацыдысты сæрхъызойтæ, кæцытæ тырысатимæ сæ къухты æмæ бузныг хъæргæнгæйæ балы аэропорты территорийæ ахизын кодтой.