«Дзуардарджытæ»  Нациты Лигæйыл Болгарийы ныхмæ дыккаг матч ахъаздзысты -  йе фарс  рахæцут  æмбырдгондæн  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл#1TVSPORT
«Дзуардарджытæ» Нациты Лигæйыл Болгарийы ныхмæ дыккаг матч ахъаздзысты - йе фарс рахæцут æмбырдгондæн Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл#1TVSPORT

Нациты Лигæйыл Гуырдзыстоны националон  æмбырдгонд  футболы абон Болгарийы æмбырдгондимæ  фембæлдзæни.  Цыппæрæм  туры матчы агъоммæ  Гуырдзыстон, къорды  лидер у  æртæ  уæлахиздзинад æмæ 9 баллимæ.  Болгайрæгтæм та   ацы афонмæ ис æрмæст 2 баллы.

Гуырдзыстоны æмæ  Болгарийы  æмбырдгæдты  матчæ билеттæ  иууылдæр ауæй сты.  Фæстаг билæт матчы онг дыууæ  бон раздæр  10  июны  ауæй ис. «Динамо Аренайы» трибунæтæ, кæцыты ис  54000æй фылдæр бынат  æнæхъæнæй  байхъаг уыдзысты.

Тбилисы  болгайрæгты  делегаци аварийы бахауд – фæстиуæгæн   уазджыты  æрдæгхъахъъхæнæг   Тодор Неделев  травмæ райста  æмæ йын операци бахъуыд. «Ботевы»  æмæ Болгарийы  æмбырдгонд  8 номыр  уыцы  футболист у, кæцы 2021  азы   8 сентябры, Софияйы  «Васил левскийы аренайы» ацугæ   хæларон  матчы  Гуырдзыстоны  æмбырдгондæн фыццаг къæм баппæртса æмæ  болгари та  уыцы матч рамбылдта хыгъдæй  4:1.

Амондæн   болгайраг футболистæн  гуырдзиаг  дохтыр  Шалва Ингорохъва  операци афоныл сарызта  æмæ   реалонæй,  йын йæ  цард  аирвæрзын кодта, уымæн æмæ  аварийы  фæстиуæгæн  футболист ныцавдта йæ сæр.

Ацы фембæлдæн йæ  фоныл уыдзæн фæнысангонд   цау.  Уыдис тас цæмæй матч  фæкъуыхцы уыдаит, фæлæ  фæстæгамæ  болгайрæгтæ   хъазын  ахицæн кодтой.  Иннæрдгæй, гуырдзиаг сæрхъызойтæ Неделевæн солидарондзинады нысанæн  дыссаджы  инициативæ равдыстой  æмæ аварийы фæцæфуæвæг  футболисты «Динамо Аренайыл»  ффæныфсджын кæндзысты. Тодор Неделвы хъазæн  номырмæ гæсгæйæ, кæнæ та матчы  8 минутыл болгайраг  футболисты фæхъæлхдзæг кæндзысты аплодисменттæй.

Гуырдзыстоны æмæ Болгарийы  национ æмбырдгæдты  футболон  ныхмæлæуд  «Динамо Аренайыл»  12  июны 20:00 сахатыл райдайдзæн.  Матчы  комкоммæ  телерпортажы Гуырдзыстоны Фыццаг Канал  равдисдзæн, радиорепортажы  та цæудзæн  – Гуырдзыстоны Радиойы эфиры (ФМ 102.3).