Нациты Лигæ | Гуырдзыстоны æмæ Албанийы æмбыргæндты матч Фыццаг Канал #1TVSPORT
Тбилисы Михеил Месхийы стадионы 14-æм октябры, Гуырдзыстоны æмбырдгонд Нациты лигайы цыппæрæм туры фембæлд Албанийы æмбырдгондимæ ауадздзæн. Фембæлд райдайдзæн 20:00 сахатыл. Фыццаг канал, фыццаг канал Спорт æмæ Радио Гуырдзыстон (FM 102.3) комкоммæ репортаж уын бавдисдзæн.
Факттæ
- Гуырдзыстоны æмбырдгонд Албаниимæ историйы сеппæтæй фылдæр хъазыд: 16 матч, 9 уæлахиздзинад, 4 æмхуызон, 3 фæхæрд, голтæ 24-13.
- Гуырдзыстоны æмбырдгонд Нациты Лигæйы æрмæст дыууæ хъазт фæхæрд ис. Иумæйаг рекорд «Дзуарджынтæн» ацы турниры у ахæм: 21 хъазты, 13 уæлахизы, 6 æмхузон хыгъд, голтæ: 39-13.
- Албайнаг балæн ис æнæбæзгæ статистикæ æддагон матчты – 2 уæлахизы, 4 æмхуызон æмæ 7 састы фæстаг 13 матчы.
- Албанийы æрдгæй сеппæтæй фылдæр гол бакъуырдта Шота Арвеладзе гуырдзиаг футболистты æхсæн (6).
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, цæмæй ныртæккæ цæугæ Нациты Лигæйыл, Тиранайы Гиорги Кочорашвилийы пуртийæ, «Дзуарджынтæ» 1:0 хыгъдæй фæуæлахиз сты Албанийы æмбырдгондæн.