АИШ-ы паддзахадон департамент - Шри-Ланкайыл террористтæ бырстытæ цæттæ кæнынц
АИШ-ы паддзахадон департаменты хъусын кæнынц, цæмæй Шри-Ланкайыл террористтæ бырстытæ цæттæ кæнынц. Уый фæдыл фидиуæн АИШ-ы æддагполитикон уагдоны веб-фарсыл æрцыд публикацигонд.
«Террористон къордтæ дарддæр кæнынц бырстытæм цæттæ кæнын. Террористты нысæнттæ гæнæн ис бауой туристон бынæттæ, транспортон æлхынцъытæ, дуканитæ, бынæттон хицауады бæстыхæйттæ, фысымуаттæ, кълубтæ, ресторантæ, кувæндæттæ æмæ паркъытæ»? – дзырдæуы паддзахадон департаменты фидиуæны.
АИШ-ы паддзахадон департамент сиды Америкæйы æмбæстæгтæм æмæ америкаг дипломаттæм хъавгæдзинад равдисынмæ.
Шри-Ланкайыл 21 апрелы терактты рæстæджы фæмардуæвджыты нымæц 290-ы онг ысхызт. Фæцæф сты 500-йæ фылдæр адæймаг. Чи уыд бырстыты организатор нырма бæрæг нæу.