АИШ-ы паддзахадон департамент райы Гуырдзыстоны парламент конституцион ивддзинæдтæ кæй сфидар кодта уымæй
АИШ-ы паддзахадон департамент Гуырдзыстоны парламент конституцион ивддзинæдтæ кæй сфидар кодта уый кой кæны.
Фидиуæны мидæг дзырдæуы, цæмæй АИШ-æ райы Гуырдзыстон, историон конституцион ивддзинæдтæ кæй сфидар кодта, кæцы сифтонг кæндзæн пропорциондæр æвзарæнон системæ.
«Ацы ивддзинæдтæ ист уыдысты 8 марты нысаниуæгджын бадзырды фæстиуæгæн, кæцы сырæзт сæйраг политикон партиты æхсæн. Ивддзинæдтæ ахъаз уыдзысты стабилондзинад фæфидар кæнынæн æмæ парламентон плюрализмæн откбярьмæ пълангонд парламентон æвзæрстытыл.
Курæг стæм Гуырдзыстоны парламентæй, райсæт æвзарæнон реформæйы закъондæттынад, кæцы æххæст уыдзæн ЕÆÆО-ы, демокративон институтты æмæ адæймаджы барты офисы рекомендацитæй. Курæг стæм Гуырдзыстоны хицауадæм, эффективонæй скеусын кæна ахæм закъондæттынад» – дзырдæуы фидиуæны.
Афтæма АИШ-ы паддзахадон департаменты фидиуæны банысангонд у, цæмæй Гуырдзыстоны демокративон рæзынадæн скуыддзаггæнæг фæлварæн уыдзæн сæрибар, рæстаг æмæ рухсдзыд æвзарæнон процесс ауадзын, кæцы æвдисдзæн гуырдзиаг адæмы фæнд.
«Разæвзарнон æмæ æвзæрстыты фæстæ периодты рæстагдзинад афтæ нысаниуæгджын у, куыд æвзæрстыты бон. АИШ-æ дарддæр кæндзæн Гуырдзыстоны тыхархайдæн æххуыс демократийы фæтынг кæныны, æвзарæнон практикæйы, закъоны сæйрагдзинады, афтæ куыд, бирæ уæрæхдæр евроатлантикон тырнынадты, кæцы сегасдæр хуыздæр хæдиргъæф у Уæрæсейы агрессийæ» – дзырдæуы фидиуæны.