Ираклий Къобахидзе -  19  апрелы бадзырд  анулиргонд у,  уымæ гæсгæ дæр, конституцион  ивддзинæдтæ  абон сты бавдыст сæрæй –кæронмæ сты   нæ политикон  бархъомысæй
Ираклий Къобахидзе - 19 апрелы бадзырд анулиргонд у, уымæ гæсгæ дæр, конституцион ивддзинæдтæ абон сты бавдыст сæрæй –кæронмæ сты нæ политикон бархъомысæй

Мах цы  конкретон политикон  бадзырд бафыстам,  нæ  ныхас  кæддæриддæр æххæст кæнæм –  уый фæдыл  парламентон фылдæрты  лидер Ираклий Къобахидзе   пленарон  рабадтыл   райхъусын кодта.

Ираклий Къобахидзейы дзырдæй,  19 апрелы  бадзырд  анулиргонд у, уымæн æмæ  документмæ  оппозиционер  депутатты æрдæгæй  фылдæр нæ баиу сты. Æрмæст уыцы ивддзинæдтæ,  кæцытæ конституцимæ бацæудзæн,   Къобахидзейы дзырдæй,   зæгъгæ Гуырдзиаг Бæллиццы  «бархъомысы» фæрцы бацæудзæн.

Гуырдзыстоны  парламент фыццаг хъусынæй  кæсы  Гуырдзыстоны конституцион  закъоны   проект «Гуырдзыстоны  конституцийы ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл».  Закъоны  проектмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны парламенты  фæдылдзог дыууæ æвзæрстыты  æвзарæнон   барьер  2 проценты онг  фæкаддæр уыдзæн.  Проектæй  генералон прокурроры  сывзарын  хъуамæ  цæуа  æртæ этапæй. Фыццаг æмæ дыккаг   цауы  90-90 хъæлæсæй,  æртыккаг  цауы та йæ  сывзары  76 депутат. Уыимæ  фракци саразыны уаг  ивд цæуы  æмæ йæ авды  бæсты, цыппар депутат  араздзæн. Ивд  фæзындзæнис конституцийы  хизгæ   уагæвæрдты.  Ног  нормæтæ  рæстæгмæ равг хæсдзысты æмæ  фæдылдзог дыууæ  сидты  парламентæн  кусдзысты.