АИШ-ы, авиацион  заводы стынды рæстæджы  15  адæймаг  фæцæф сты
АИШ-ы, авиацион заводы стынды рæстæджы 15 адæймаг фæцæф сты

АИШ-ы, авиацион  заводы   стынды  рæстæджы  15 адæймаг фæцæфтæ  сты.   Уый  тыххæй информацийы  хъусын кæны  «Ройтер». Æхсæнадæмон  информацион агентады  хъусинагæй,   фæцæфуæвджытæй  11  гоймагæн бахъуыд госпитализаци, инæтæн та   дохтыртæ  бынатыл баххуыс кодтой.  Дохтырты информацийæ,  фæцæфуæвджытæй   цалдæр пациенты  уавæр   тынг уæззау  у.  Стынд   Канзасы  штаты, Текстроны  авиацион  заводы  æрцыд.

Заводы  минæвæрттæ куыд  хъусын кæнынц афтæмæй,    стынды   рæстæджы  цыппурсон   бæрæгбæттæм гæсгæ,  бæстыхайы  кусджыты  æрмæст иу хай  уыдис.   Ацы рæстæгмæ   уæвæг информацийæ,   стынд   æрцыд   тæнгъæд азоты хæтæлыл.