АИШ  Уæрæсейы уæвæг сæрмагонд  æмбæстæгтæм сиды, бæстæ æнæаргъæвгæйæ ныууадзынмæ
АИШ Уæрæсейы уæвæг сæрмагонд æмбæстæгтæм сиды, бæстæ æнæаргъæвгæйæ ныууадзынмæ

АИШ-æ, Уæрæсейы уæвæг   сæрмагонд æмбæстæгтæм сиды, æнæаргъæвгæйæ  ныууадзой  бæстæйы территори.  Уый фæдыл дзырдæуы  Уæрæсейы  АИШ-ы  минæварады публикацигонд  фидиуæны.

Дипломатон  миссийы  фидиуæнæй,   Уæрæсейы  райдайгæ  мобилизацимæ гæсгæйæ,   Уæрæсе  гæнæн ис, нæзагъд ракæна  дывæр æмбæстагад кæмæ ис,  уыцы  уæнгты  АИШ-ы æмбæстагад  банымадыл, арæн сын скæна  АИШ-ы консулады  æххуысы рæувадатдзинад,  ма сæ рауадза  Уæрæсейæ  æмæ  дывæр æмбæстагад кæмæ ис, уыцы  уæнгты акæна  æфсæддон  куыстмæ.

Минæварады куыд банысан кодтой афтæмæй,   авиарейстæ  ацытæккæ  тынг  арæнгонд сты, æрмæст  сурзæххы уылты маршруттæ  нырма   сты рæувадат.  Кæд АИШ-ы  æмбæстагы фæнды  Уæрæсейæ рацæуын, кæд мадзæлттæ   хæдбарæй,  куыд гæнæн ис, афтæ  тагъд хъуамæ скæнæт.  АИШ-ы   минæварады  фадæттæ, бахзхус кæна йæ æмбæстæгтæн   тынг арæнгонд сты, æрмæст транспортацы фадæттæ та гæнæн ис  виппайды  ноджы  фæкъаддæрдæр уа.

«АИШ-ы æмбæстæгтæ, ма  хъуамæ  абалц кæной  Уæрæсемæ, æрмæст уыдон та, чидæриддæр  цæры кæнæ балц кæнынц  Уæрæсеы, æнæаргъæвгæйæ   хъуамæ ныууадзой  Уæрæсейы территори, цалынмæ  балц кæныны арæнгонд  коммерцион  варианттæ  нырма ис,  уæдмæ»,  –  дзырдæуы  минæварады фидиуæны.

Уыимæ, минæварад  сиды йæ æмбæстæгтæм,   сæхи дард дарæт  политикон  кæнæ социалон  протестон   акцитæй æмæ ма айсæт къамтæ  æдасдзинады куыстыты минæвæрттæн фæнысангонд мадзæлттыл.