Афгъанистаны президенты уынаффæйæ, пысылмонон бæрæгбонты рæстæджы, «Талибанимæ» хæцæн архæйдтытæ рæстæгмæ урæд æрцыдысты
Афгъанистаны президент «Талибанимæ» рæстæгмæ æхсты фæурæды фæдыл райхъусын кодта. Ашраф Ганийы фидиуæнæй, уынаффæ пысылмонтæн сыгъдæг Рамаданы мæйы кæрон æмæ Ураз-Байрамы бæрæгбонимæ у баст.
Афгъанистаны президенты уынаффæйæ, æхсты фæурæды режим 11-æй 20-æм июнмæ периоды архайдзæн.
«Æхсты фурæд у шанс талибтæн абмбарой, цæмæй сæ тыхмион кампани йæхимæ нæ раздахдзæн нæдæр зæрдæ æмæ нæдæр адæмы хъуыды, фæлæ афгъанистайнаг адæмы ноджы фыддæр дард кæны сæ идеятæй» – дзырдæуы Ашраф Ганийы фидиуæны.
Æхсты æнцады режимы фæлгæтты, хæцæн архæйдтытæ урæд цæуынц æрмæст «талибаны» æрдæм, а.х. Исламы Паддзахады ныхмæ та операци дарддæр кæны.