Афгъанистаны президенты уынаффæйæ, пысылмонон бæрæгбонты рæстæджы, «Талибанимæ» хæцæн архæйдтытæ рæстæгмæ урæд æрцыдысты

14:22, 07.06.2018

Афгъанистаны   президент  «Талибанимæ»  рæстæгмæ æхсты фæурæды  фæдыл  райхъусын кодта.  Ашраф  Ганийы  фидиуæнæй,  уынаффæ  пысылмонтæн   сыгъдæг Рамаданы  мæйы  кæрон  æмæ   Ураз-Байрамы  бæрæгбонимæ  у баст.

Афгъанистаны  президенты  уынаффæйæ,   æхсты  фæурæды  режим  11-æй  20-æм  июнмæ  периоды  архайдзæн.

«Æхсты фурæд у  шанс талибтæн  абмбарой,  цæмæй  сæ  тыхмион   кампани  йæхимæ   нæ раздахдзæн нæдæр зæрдæ æмæ  нæдæр адæмы хъуыды,  фæлæ  афгъанистайнаг адæмы  ноджы  фыддæр дард  кæны  сæ идеятæй» – дзырдæуы   Ашраф  Ганийы   фидиуæны.

Æхсты æнцады режимы фæлгæтты,   хæцæн архæйдтытæ  урæд цæуынц  æрмæст «талибаны» æрдæм, а.х. Исламы Паддзахады  ныхмæ та  операци  дарддæр кæны.

 

Хуыздæр