Афæдзы кæронæй скусдзæн ног гуырдзиаг-израилаг кондад, кæцы райуадздзæн М-4 типы автоматон æхсæнгæрзтæ
Гуырдзыстоны хъахъъæнынады тыхты НАТО-ы стандартты хæстифтонгадмæ ахизыны процессы хъахъхъæнынады министр, Джуаншер Бурчъуладзе депутаттæн уагдоны плангонд ногдзинæдтæ базонын кодта.
«Фæнды мæ радзурон уын цины хабæрттæ, кæцы М-4 автоматтæ уадзын райдайæны тыххæй у. Ног гуырдзиаг –израилаг кондад афæдзы кæронæй скусдзæн, кæцы М-4 типы автоматон æхсæнгарз уадзын райдайдзæн» – райхъусын кодта Джуаншер Бурчъуладзе.
Парламенты, «Министры сахаты» форматы раныхасы рæстæджы хъахъхъæнынады тыхты НАТО-йы стандартты хæстифтонгадмæ хазыны цæвиттонæй министр æрхаста æфсæддон хайадты америкаг М-4 типы автоматтæй сифтонг кæнын.
«Цæугæ азы февралы хъахъхъæнынады тыхтæ АИШ-ы æххуысæй нырид райстой ног типы нæмыгзгъалджытæ æмæ гранатæхсджытæ. Ацы рæстæджы цæуы М2 типы 12 миллиметрон ставдкалибрджын нæмыгзгъалджыты æмæ МК 19 типы ног автоматон гранатæхсджытæй ифтонг кæныны процесс» – фехъусын кодта Джуаншер Бурчъуладзе.