Афæдзы  кæронæй скусдзæн ног гуырдзиаг-израилаг кондад,  кæцы райуадздзæн  М-4 типы автоматон æхсæнгæрзтæ
Афæдзы кæронæй скусдзæн ног гуырдзиаг-израилаг кондад, кæцы райуадздзæн М-4 типы автоматон æхсæнгæрзтæ

Гуырдзыстоны хъахъъæнынады  тыхты  НАТО-ы  стандартты  хæстифтонгадмæ ахизыны   процессы  хъахъхъæнынады министр, Джуаншер Бурчъуладзе  депутаттæн уагдоны плангонд  ногдзинæдтæ  базонын кодта.

«Фæнды мæ радзурон уын  цины хабæрттæ,  кæцы  М-4  автоматтæ уадзын  райдайæны  тыххæй у.  Ног гуырдзиаг –израилаг  кондад   афæдзы кæронæй  скусдзæн, кæцы М-4 типы автоматон æхсæнгарз уадзын райдайдзæн» –  райхъусын кодта Джуаншер Бурчъуладзе.

Парламенты, «Министры сахаты» форматы  раныхасы рæстæджы   хъахъхъæнынады  тыхты  НАТО-йы  стандартты  хæстифтонгадмæ  хазыны цæвиттонæй   министр  æрхаста  æфсæддон   хайадты  америкаг М-4  типы  автоматтæй   сифтонг кæнын.

«Цæугæ азы  февралы  хъахъхъæнынады  тыхтæ  АИШ-ы  æххуысæй  нырид  райстой  ног  типы  нæмыгзгъалджытæ  æмæ  гранатæхсджытæ.  Ацы рæстæджы  цæуы  М2 типы  12 миллиметрон  ставдкалибрджын  нæмыгзгъалджыты  æмæ МК 19  типы  ног автоматон гранатæхсджытæй   ифтонг  кæныны процесс»  – фехъусын кодта Джуаншер Бурчъуладзе.