Æрфарстæй рацæуæг Петро Порошенкойыл æнæбæрæг уæнгтæ рæвдуæттæ фехстой
Украинайы фæдæвзарыны паддзахадон бюройы бæстыхайы цур, æрфарстмæ бацæуæг Петро Поррошенкойыл æнæбæрæг уæнгтæ рæвдуæттæ фехстой.
Рауагъдад «Интерфакс Украина»-йы хъусинагæй, бæстыхайы цур уыдысты, Украинайы раздæры президенты куыд фарсхæцджытæ афтæ йæ ныхмæ лæуджытæ дæр. Акцийыл кæцыйы Порошенкойы тугтæрхоны барады дзуаппмæ раттын куырдтой, цалдæр хайадисæг Украинайы раздæры президентыл рæвдуæттæ фехсын бахъавыд, фæлæ рæвдуæттæ журналисттыл сымбæлдысты. Уый фæстæ инцидент кæрон скæнын бацархайдта пъæлицæй æмæ агрессивон митинггæнджытæ бамбæхстысты. Йæхи æрдгæй Петро Порошенко автомобилы сбадын бантыст æмæ æрцæугæйы фæстиуæгæн зиан ничи райста.
Украинайы раздæры преизденты телекомпани «Прямойы» балхæды хъуыддагыл фæдæвзарæнг бюройы æртæ сахаты дæргъы уыд. Петро Порошенкойы адвокаты Игорь Голованы информацийæ, бæстæйы раздæры преиздент, æвдисæны статусæй æртæ хъуыддаджы фигурант у.