Æхсæнадон транспортмæ æнхъæлмæ кæсыны  рæстæг  4 минуты онг фæкъаддæр уыдзæн
Æхсæнадон транспортмæ æнхъæлмæ кæсыны рæстæг 4 минуты онг фæкъаддæр уыдзæн

Тбилисы  ног транспортон  хызагы  æххæстæй æрфидар кæныны  фæстæ,  æхсæнадон транспортмæ æнхъæлмæ кæсыны  рæстæг, цыппар минуты онг фæъкъаддæр уыдзæн, уый фæдыл   вице-мер  Ираклий Хмаладзе   транспорты  политикæйы æрдгæй   сæххæст  проектты хыгъдлæвæрды  презентацийыл райхъусын кодта.

«Мах бакуыстам æмæ  этапгай  фидар кæнæм  ног транспортон  хызаг, кæцы  æртæ æмвæзæй  уыдзæн.  Уыдзæн   цырд змæлды  кæлидоры æмæ йе фсадæг  иугæнæг дыууæ –  горæты æмæ  сыхты  нысаниуæгы  маршруттæй  Цырд транзитон кæлидоры змæлы 12 метры дæргъæн  æмæ   фидæны та  змæлдзæн 18 метры дæргъæн  автобустæ, æрмæст горæтты æмæ сыхты  нысаниуæгы  маршруттыл – æхсæз, аст æмæ 10 метры дæргъы  автоубстæ.  Фæнысангонд  хызагы  æххæстæй имплементацийы  фæстæ,  æнхъæлмæ кæсыны  рæстæг къаддæр кæны  минимумы онг. Уый уыдзæн 4 минуты бæрц, æрмæст автобусты хуылфас  æмæ  ласынхъомад  райрæздзæн 2,5 хаттонæй», –  райхъусын кодта Ираклий Хмаладзе.