Тбилисы æхсæнадон транспортæй иухаттонæй балцы аргъ уыдзæн 1 лари
Тбилисы æхсæнадон транспортæй иухаттонæй балцы аргъ уыдзæн 1 лари

Тбилисы æхсæнадон транспортæй иухаттон балцы аргъ  уыдзæн  иу лари.  Ныры онг æхсæнадон транспортæй  балцы  аргъ уыдис 50 тетри.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн   сæйраг горæты мэрийы  куыд  фехъусын кодтой  афтæмæй,   арызт уыд   фиддтонон цалдæр пакеты, бæлццæттæн  уыдзæн фадат  сæхæдæг сывзарой фæндон  фиддонон системæ.

«Иухаттонæй  балцы аргъ  уыдзæн  1 лари,  кæцыйæ бæлццонæн  уыдзæн   йæ бон  90 минуты  дæргъы  спайда кæна, метройæ, автобусæй, микроавтобусæй  кæнæ  университеты  уæллаг корпусы цур кусæг   рæтæн фæндагæй.  Уыимæ ма  æнæфидгæ æмæ уæлбарджын тарифæй фæлхасгæнджыты цалдæр категори  уыдзæн: социалонæй  æнæхъахъъхæд, студенттæ, скъоладзаутæ, ахуыргæнджытæ, рæвдауæндæтты кусджытæ æмæ æнд», – райхъусын кодтой  мэрийы.