Æхсæнадæмон Валютон Фонд – Гуырдзыстоны экономикæйы сфидар гæнæн уыдзæн, кæд æмæ вакцинаци фидар темпæй цæудзæн
Æхсæнадæмон Валютон Фонды аргълæвæрдмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны экономикæйы сфидар адарддæр уыдзæн уæд, кæд æмæ вакцинаци цырд темпæй цæудзæн. Уый фæдыл дзырдæуы, IMF–ы публикацигонд ног афæлгæсты, кæцы аргъ ратта Гуырдзыстоны фæдыл риск-фактортæн.
Организацийы банысан кодтой, цæмæй Гуырдзыстон сыхаг бæстæтимæ абарагæйæ бирæ æвæстиат æмæ сындæгдæр темпæй вакцинацинацийы кампани райдыдта, фæлæ августы дæргъы «Ковид-19»-ы цауты фæфылдæримæ иу, вакцинацийы темп фæцырддæри.
Валютон фонды миссийы аргълæвæрдæй, экономикон рæзынады уæвæг темп ма фесафынæн, вакцинацийы стимуляци критиконæй нысаниуæгджын у.
Фонды аргълæвæрдмæ гæсгæйæ, 2021 азы Гуырдзыстоны экономикæ – 7.7%-æй, 2022 азы та 5.8%-æй райрæздзæнис – дыууæдæр прогноз æнцойæвæрд у уыцы миниуæгыл, цæмæй бæстæйы ацы азы дæргъы, æххæстаздзыд цæрджыты 60% вакцинацигонд уыдзæн.