Æхсæнадæмон Валютон Фонд Гуырдзыстонæн 38 милуан доллары ресурс рауæлдай кæндзæн
Гуырдзыстоны хицауады æмæ Æхсæнадæмон Валютон Фонды мисиийы æхсæн бафыстæуыд Гуырдзыстонæн фарсхæцæг программæйы (Stand-By Arrangement) фыццаг афæлгæсты фæуды фæдыл. Уый тыххæй информаци Æхсæнадæмон Валютон Фонд хъусын кæны.
Афтæма сæ хъусинагæй 2022 азы цæстæйуынгæ уыд Гуырдзыстоны экономикæйы фидардзинад, уымæн æмæ абоны уавæрæй, Украинайы хæсты æппæрццаг æндæвдад Гуырдзыстоны экономикæйыл раздæр æнхъæлмæкæсинагæй къаддæрдæр уыд.
Æхсæнадæмон Валютон Фонды информацийæ, пандемийæ цырд сæндидзыны фæстæ, Гуырзыстоны фæфылдæри туризмæй æфтиаг, хæстæй рацæугæ имиграци æмæ финансон къадæты æфтиаг, афтæма Гуырдзыстоны уылты транзитон базарад.
Валютон фонды хъусын кæнынц, цæмæй æгæр зынæмбарæн уавæрты инфляци фæкъаддæры зондджын политикæ, фискалон æмæ валютон буферты стынг кæнын æмæ структурон реформæтæ размæ рахæцын сфидар кæндзæн макроэкономикон стабилондзинад æмæ стынг кæндзæн экономикæйы уавæр.
26 октябрæй – 7 ноябры онг ÆВФ-ы мисси Джеймс Джоны къухдариуæгæй, Гуырдзыстоны визитæй уыд. Фонды миссийы къухдариуæггæнæг абон лæвæрд брифингыл райхъусын кодта, цæмæй æхсæнадæмон валютон фонд Гуырдзыстонæн рауæлдай кæндзæн 38 милуан доллары ресурс.
Афтæма йæ дзырдæй, Гуырдзыстон сыххæст кодта алы уыцы сæйраг домæн, кæцы программæйы фæлгæтты уыд рагхыгъдгонд.
«2022 азы экономикæйы рæзты прогноз 10 проценты бæрц у; æрмæст азы фæстаг афæдзон инфляци 10.2 процент уыздæн. 2023 азæй экономикæйы рæзты темпы æмæ инфляцийы фæсындæгмæ æнхъæлмæ кæсæм, æддæйæ æфтиæгты фæкъаддæры, глобалон экономикон æмæ финансон уавæры фæфыддæры, фæкъаддæргонд фискалон дефициты æмæ карз монетарон политикæйы фоныл» – райхъусын кодта уый.